Сæрмагонд æфсæддон операцыйы архайджытæн программ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

2 дня назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

2 дня назад

Гергиты Константин мыддарыны куыст кӕны 2019 азӕй фӕстӕмӕ. Райдыдта дыууæ чыргъæдæй. Нӕлгоймаг алкæддæр хæдзарон хойрагæн стыр аргъ кодта ӕмӕ йæхицæн дардта мыдыбындзытӕ. 2022 азы бафыста контракт ӕмӕ ацыд сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ. Фӕстӕмӕ куы сыздæхт, уӕд сфӕнд кодта йӕ уарзон хъуыддаг дарддӕр ахӕццӕ кӕнын ӕмӕ йæ егъаудæр скæнын. Сабыр цардмӕ раздӕхын ӕмӕ пълантӕ царды рауадзынӕн ын баххуыс кодта паддзахад. Фарон Константин сси программӕ "Агромотиватор"-ы уӕлахиздзау ӕмӕ райста грант хи хъуыддаджы рӕзтӕн. Фӕрӕзтӕй самал кодта хъӕугӕ ифтонггарз ӕмӕ мыдыбындзытæ. Ныр йæ сæйраг нысан у сæ нымæц фӕфылдӕр кӕнын ӕмӕ хӕдзарад ног ӕмвӕзадмӕ ракӕнын. Цӕгӕраты Валерий та программӕйы тыххæй базыдта, госпиталы куы уыд, уӕд. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы службӕйы фӕстӕ сфӕнд кодта бинонты хъуыддаг рапарахат кӕнын. Ацы аз ма бахауд конкурсон ӕвзӕрсты уӕлахиздзауты хыгъдмӕ ӕмӕ рамбылдта грант фермерон хӕдзарады парахатæн. Хӕстæгдæр рæстæг райдайдзæн цӕттӕ кӕнын йӕ хъуыддаг сӕххӕст кӕнынмӕ. Грант "Агромотиватор" финансон ӕххуыс — ӕртӕ милуан сомӕй авд милуан сомы онг архайды здӕхтмӕ гӕсгӕ. Программӕ ветерантӕн фадат дæтты сæхи хъуыддаг байгом кæнынæн, фермерон хӕдзарӕдтӕ рӕзын кӕнынӕн ӕмӕ регионы хӕлцадон ӕдасдзинадмӕ ӕвӕрӕн хӕссынӕн. Ныртӕккӕ республикӕйы хъӕууон хӕдзарады министрад бадзырдтӕ фыссы конкурсон ӕвзӕрсты уӕлахиздзаутимӕ. Кусæндоны куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй грантæй пайдагæнджытæн фӕрӕзтӕ арвитын фӕнд кӕнынц ноябры кӕронмӕ. Ацы аз конкурсы къамис ӕркаст 14 курдиатмӕ, уыдонӕй 13 бауагътой иннӕ къæпхæнмæ. Проекттӕн аргъ скӕныны фӕстӕ уӕлахиздзаутӕ систы фараст фермерон хӕдзарады. Уыдонӕй авд парахат кӕндзысты дзидзайы кондад, дыууӕ та фысвосы куыст.

Название:

Сæрмагонд æфсæддон операцыйы архайджытæн программ

Категория:

Новости и СМИ