Проекттæ «Инфраструктурæ цæрынæн» æмæ «Экологон цардхъомдзинад» æххæст кæныныл ныхас цыд хицауады
Национ проекттæ «Инфраструктурæ цæрынæн» æмæ «Экологон цардхъомдзинад» æххæст кæныныл ныхас цыд Цæгат Ирыстоны хицауады. Сæргълæуæг Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ кусæг æмбырд сарæзта фыццаг вице-премьер Роман Батршин. Фембæлды архайджыты уæлдай æргом аздæхтой куыстыты æмгъуыдтæм æмæ бынаты цы фарстатæ æвзæры, уыдон æвæстиатæй иуварс кæнынмæ. Роман Батршин бафиппайдта — сæйрагдæр у, цæмæй цæрджытæ хуыздæрырдæм ивддзинæдтæ афоныл феной.
Название:
Проекттæ «Инфраструктурæ цæрынæн» æмæ «Экологон цардхъомдзинад» æххæст кæныныл ныхас цыд хицауады
Категория:
Новости и СМИ