Ираны хъӕуы скъола 100 азмӕ фыццаг хатт бындуронӕй сцалцӕг кодтой
Мӕй размӕ дӕр ма ам хъуысыд арæзтадон техникæйы уынæр, абон та — кадджын музыкӕ. Фыццагкъласонты исынц сæрмагонд къордмæ — ахуыры аз райдайдзысты бæрнон номимæ æмæ ноггонд бæстыхайы. Къултӕ, цар ӕмӕ пъолтæ — сывӕллӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ скъола йæ хуыз скалдта. {Задыты Анастасия ам ахуыр кодта цалцӕджы размæ дæр — зӕронд бæстыхай мысы, фӕлӕ йæ зӕрдӕмæ фылдæр ног уавæртæ цæуынц. Талынг тыргътӕ ӕмӕ кабинетты бӕсты — ног райдзаст аудиторитӕ, зæронд ифтонггæрзты бӕсты та — нырыккон партӕтӕ ӕмӕ бандӕттӕ — иудзырдӕй алцыдӕр, удӕнцой ахуырӕн. Фидæны аз скъола сбӕрӕг кӕндзӕн йæ сæдæ азы юбилей — уыцы рæстæгмæ цалцӕггонд иу хатт дӕр нӕ уыд. Заууат коммуникацитӕ, пырх къултӕ — бæстыхаймæ зылдысты хи хъарутæй. Нацпроект "Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ"-йы фӕрцы скъола сног кодтой, суанг ма дзы фæзынд цалдӕр ног кабинеты дӕр. Ацы бынат та у " Точка роста " — ам ахуыр кӕнынц биологи ӕмӕ хими. Зонындзыинæдтæ дзы исынц практикæйы хуызы дӕр. Микроскоптӕ, нымæцон лабораторитӕ ӕмӕ реагенттӕ — ахуырдзаутӕ ног темӕтӕ цӕуынц ахуыргӕнӕн чингуыты фӕрстыл нӕ, фӕлӕ комкоммӕ сӕхи стъолты уæлхъус. Раздӕр сын ахӕм уавӕртӕ нӕ уыд. Ныртӕккӕ ам ахуыр кӕны 53 адӕймаджы. Нацпроект "Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ"-йы фӕлгæты скъола сси нырыккон ӕмӕ хӕрзвадат. Фӕсивӕд та райстой уӕлӕмхасӕн разӕнгарддзинад ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргæнæндоны æхсæнадон царды архайынмӕ. Санаты Давид, Бирæгъты Марат
Название:
Ираны хъӕуы скъола 100 азмӕ фыццаг хатт бындуронӕй сцалцӕг кодтой
Категория:
Новости и СМИ