Фӕсивӕды галуаны уыд Фыццӕгты змæлды Советы фыццаг ӕмбырд
Фӕсивӕды галуаны уыд Фыццӕгты змæлды Советы фыццаг ӕмбырд. Мадзалы архайдтой скъоладзаутӕ ӕмӕ ӕнахъомтӕ республикӕйы ӕппӕт муниципалон скондтæй. Мадзаларазджытæ — Цӕгат Ирыстоны "Фыццӕгты Змӕлды" регионалон хайад. Фыццӕгты Совет у сывӕллӕтты-бархионты хиуынаффӕйады оргӕн. Ӕмбырды фӕсивӕд раныхас кодтой хъӕппӕристимӕ ӕмӕ равзӕрстой профилон здӕхтыты раззагдӕрты, сарӕзтой кусӕг къордтӕ, бацæттæ кодтой проекттӕ регионалон, муниципалон ӕмӕ скъолайы ӕмвӕзадтӕн. Мадзаларазджытæ бӕрӕг кӕнынц, ахӕм фембӕлдтытӕ фӕсивӕдӕн ӕххуыс кӕнынц раздзоджы миниуджытӕ ӕвдисынӕн ӕмӕ республикӕйы царды разæнгардæй архайынӕн.
Название:
Фӕсивӕды галуаны уыд Фыццӕгты змæлды Советы фыццаг ӕмбырд
Категория:
Новости и СМИ