Ставд Дурты скъола 70 азмӕ фыццаг хатт бындуронӕй сцалцӕг кодтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

день назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

день назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

день назад

Ӕртыккӕгӕм къласы ахуырдзау Мӕргъиты Янӕйӕн йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ноггонд хӕрӕндоны бандӕтты хуыз ӕвзарын. Цалцӕджы фӕстӕ ам аивта алцыдӕр: ног ифтонггарзӕй сихоры залы ирд фӕлысты онг. Ацы скъолайы алы сывӕллон дӕр цӕсты раз ис — райдайӕн кълӕсты 20 адӕймаджы йеддӕмӕ нӕ ахуыр кӕны. Цалцӕджы рӕстӕг пълан дӕр аивтой: ӕгӕр стыр кабинеттӕ дыууӕ дихы акодтой. «Уый фӕрцы райдиан скъолайӕн радих кодтам хицӕн бынат. Ныр сывӕллӕттӕ иууылдӕр иумӕ ахуыр кӕнынц, ис сын сӕхи тыргъ ӕмӕ фӕндаджы ӕдасдзинады къуым. Ноджы нӕм фӕзынд хицӕн тренажерон зал. Ныр сывӕллӕттӕн урокты фӕстӕ фылдӕр фадӕттӕ уыдзӕн спортӕй архайынӕн», - - Хуыгаты Зӕринӕ, Ставд Дурты Астӕуккаг скъолайы директор. Хистӕркъласонтӕн дӕр фӕзынд сӕхи уарзон бынат. Фӕллойы ӕмӕ физикӕйы кабинетты нырма ног ифтонггарз ӕвӕрд нӕ фесты, фӕлӕ уроктӕ ныридӕгӕн дӕр цӕуынц ног хуызы. Боситы Ритӕ технологи амоны 40 азӕй фылдӕр. Сӕтты: раздӕр ахӕм уавӕртӕм бӕлгӕ дӕр нӕ кодтой. Сног сты иннӕ кълӕстӕ дӕр — химийы кабинетӕй мадӕлон ӕвзаджы кабинеты онг. Алы ран дӕр — ног дзаума. Ис дзы интерактивон фӕйнӕджытӕ ӕмӕ проектортӕ, тагъд та ӕрбаласдзысты компьютертӕ. Ставд Дурты скъола сарӕзтой 1939 азы, иунӕг бындурон цалцӕг та дзы уыд 57-ӕмы — 70 азы размӕ. Национ проект «Фӕсивӕд ӕмӕ сывӕллӕттӕ»-мӕ гӕсгӕ йӕ аразджытӕ бынтондӕр сног кодтой: баивтой бӕстыхайы сӕр, телтӕ, хӕтӕлтӕ ӕмӕ хъармгӕнӕн системӕ ӕнӕхъӕнӕй. Абон ам ахуыр кӕны 61 сывӕллоны, фӕлӕ цалцӕгмӕ хъус дардта ӕнӕхъӕн хъӕу дӕр. «Бындурон цалцӕг у тынг ахсджиаг цау канд скъолайӕн нӕ, фӕлӕ ӕгас хъӕуӕн дӕр. Не ’ппӕт дӕр ӕм бирӕ фенхъӕлмӕ кастыстӕм, ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй ӕрцыд. Уымӕ гӕсгӕ ӕз, скъолайы кусджытӕ ӕмӕ ма суанг иуӕй-иу ныййарджытӕ дӕр арӕх цыдыстӕм ӕмӕ кастыстӕм, куыстытӕ куыд цӕуынц, уымӕ», - Хуыгаты Зӕринӕ, Ставд Дурты Астӕуккаг скъолайы директор. Аразджытӕ ацыдысты, семӕ ахастой кусӕнгӕрзтӕ, фӕлӕ ныууагътой сӕйрагдӕр — бӕрӕгбоны ӕнкъарӕн, ӕмӕ уый ӕппӕты зындӕр контролон куыстыты рӕстӕг дӕр нӕ сӕфы.

Название:

Ставд Дурты скъола 70 азмӕ фыццаг хатт бындуронӕй сцалцӕг кодтой

Категория:

Новости и СМИ