Зарæггæнджыты республикон фестиваль ацыд дзæуджыхъæуы
Цæгат Ирыстоны кадджын уавæры сбæрæг кодтой Славяйнаг фыссынад æмæ культурæйы бон 16-æм республикон зарæггæнджыты аивадон къордты фестивалæй. Архайдтой дзы республикæйы æппæт районтæй аивадон къордтæ, æрыгон дирижертæ æмæ фæлтæрдджын артисттæ. Канд кæрæдзийы феныны нæ уыд се сфæлдыстадон фембæлды хъомыс. Ахæм фестивальты фæстæ сæ архайджытæ арæх тырнын райдайынц ноджы стырдæр уæлахизтæм. Калоты Дзерассæ дæр афтæ хъуыды кæны. Ныййарджыты уарзон цæстæнгас уынгæйæ, сабитæ уæлдай зæрдæргъæвдæй архайынц аив зарыныл, сæ курдиат не 'вгъау кæнынц. Иуæй-иутæ катай кæнынц. Æмæ куыд нæ, хуымæтæджы концерты нæ архайынц, фæлæ зарæггæнджыты, аивадон къордты 16-æм республикон фестивалы. Республикæйы æппæт аивадон къордты 'хсæн мадзал срæсугъд кæныныл архайдтой Мариинаг театры зарæггæнджытæ. Фæлтæрдджын дæсныты хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæрæгбонæн ис стыр ахадындзинад. Пайда у сабиты аивадон райрæзтæн æмæ хæссы егъау хъомыладон мидис. Мадзал бацæттæ кодтой зындгонд дирижертæ Хосроты Тамерлан æмæ Дзанайты Ольгæ. Фестиваль у æрвылазон æмæ баст вæййы алыхуызон бæрæгбæттимæ. Йæ нысаниуæг у æгæрон, зæгъынц культурæйы къабазы кусджытæ. Пайда сабиты миддунейы аивадон райрæзтæн, сæ раст хъомыладæн Цорионты Резван, Хаханты Дудар, Гæбæраты Илья æмæ бирæ æндæр композиторты сфæлдыстадæй хъæздыг уыд бæрæгбон. Ацы репертуармæ сабитæ сæхи чысыл рæстæг нæ цæттæ кодтой. Фестивалы кæронбæттæнæй рахастой æрмæст цины æнкъарæнтæ. Ахæм мадзæлтты фæрцы равзæрынц аивады дæсныдæртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv