Ææз "Аланты Ныхас" - ы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ ахуырады фарстаты комитет скодта хатдзæгтæ
Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты Ныхас"-ы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ ахуырады фарстаты фæдыл комитеты уæнгтæ хатдзæгтæ скодтой сæ афæдзы куыстæн. Æмбырды архайдтой Координацион советы уæнгтæ, районты хайӕдты æмæ профилон комитетты сӕрдартӕ, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ. Куыд бахъахъхъӕнын хъæуы мадæлон æвзаг скъоладзауты, студентты, стæй æмтгæй адæмы царды, цæмæй йыл æрвылбон дзурæм, уый уыд боны фæткы ахсджиадæр фарста. Ахуыры азы дæргъы комитеты уæнгтæ бабӕрӕг кодтой ахуыргæнæндæттæ. Арӕзтой уӕлæмкъласон мадзӕлттӕ, фембӕлдтытӕ скъоладзаутимæ æмæ студенттимӕ. Архайдтой конкурсты ӕмӕ фестивальты. Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Аланты Ныхас"-ы мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны æмæ ахуырады фарстаты фæдыл комитеты уæнгтæ арæзтой зындгонд адæмы номыл мысæн изæртæ. Комитет зӕрдиагӕй ӕмгуыст кӕны республикӕйы Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрадимӕ.